Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

59. ÆХСÆРТÆГ ÆРЫЗДÆХТ

59. ÆХСÆРТÆГ ÆРЫЗДÆХТ
Рафыссын
... Бæргæ, куы зыдтаид Налхъуытæ, чындзы куы ацыд, уымæй цалдæр боны фæстæдæр, иу къæвда æхсæв, дуар кæй æрбахойдзæн æнахуыр уазæг... Булатыхъо йæ размæ ракаст æмæ йæ цæсгомы хуыз аныхъуырдта: йæ разы æнæдаст, бызгъуырты мидæг тæккæ къæсæргæрон лæууыди Æхсæртæг.
— Булатыхъо, бахатыр кæн, æнафоны... Бар уæм ис? — лæгъстæгæнæджы хъæлæсæй загъта Æхсæртæг.
— О, стыр Хуыцау! Уый Æхсæртæг куы дæ, мидæмæ, — йæ цонгыл ын фæхæцыди Булатыхъо æмæ йæ бакодта хæдзармæ. — Не ’фсин, цы фæдæ, дæ дарæс ма акæн! — ахъæр кодта иннæ уатмæ, йæхæдæг къонайы арт кæныныл схæцыд. — Куыд æнæнхъæлæджы, дæ хорзæхæй? Дæ бырæгътæ дарæс уал феппар. Цы фæдæ, не ’фсин, фезмæл дын куы зæгъын!
Дыккаг уатæй рахызтис Кыркыс.
— Мæ арт бауазал, Æхсæртæг?! — йæхи йæм баппæрста.
— Кыркыс?.. — фæджихау Æхсæртæг. — Уый ды?..
— О, фарон бацардыстæм...
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар
Ног хабӕртты лентӕ
0