Кадетты скъолайы сифтонг кæндзысты сæрмагонд æххуыс

© Sputnik / Natalia AiriyanКадетты скъолайы сифтонг кæндзысты сæрмагонд æххуыс
Кадетты скъолайы сифтонг кæндзысты сæрмагонд æххуыс  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 мар – Sputnik, Тъехты Дзерасса. Цхинвалы сабаты æрфыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд Фонд "МИР-МОСТ-ОСЕТИЯ" æмæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад. Æмгуыстады арæнæвæрды реализаци кæндзысты Хуссар Ирыстоны Кадетты скъолайæн сæрмагонд æххуысы программæ. Куыд радзырдта журналисттæн хъахъхъæнынады министр Марат Павлов, бадзырд ахъаз фæуыдзæн æмгуыстад æмæ æххуыс сорганизаци кæнын Кадетты скъолайы фидæны æмæ ныры хъомылгæнинæгтæн.
"Практикон къахдзæфтæ нырид сты арæзт, æввахс рæстæджы сæ нæхи цæстæй фендзыстæм", - бахахх кодта Марат Павлов.
Коммуникациты райрæзты Æхсæнадæмон Институты цæстдарæн советы сæрдар Бекъойты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, организацийы нывæсты ис Кадетты скъолайæн баахъаз кæнын.
"Æххуыс уыдзæн уый мидæг, æмæ скъолайы материалон-техникон, сывæллæттæн та монон-хæрзæгъдауон хъомылад сифтонг кæнын. Фыццаг этапы нывæсты ис скъолайæн ифтонгад радтын, кълассы дзауматæ æмæ компьютерон ифтонгад. Ацы аз ма нывæсты ис срæвдз кæнын спортивон æмæ актон залтæ, афтæ ма алыварсонæй æххуыс кæнын сывæллæттæн æмæ скъолайы коллективæн, сывæллæттæн æххæстаргъ ахуыр самал кæныны тыххæй, - банысан кодта уый.
Бекъойты Сослан ныфс равдыста Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады æмгуыстад уыдзæн дæргъвæтин æмæ пайдахæссæг. Афтæ ма Бекъойты Сослан банысан кодта, фонды куысты нывæсты æввахс рæстæджыты кæй ис бирæ социалон ахсджиаг проекттæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0