Хуссар Иры УУМ: Ленингоры районы фесæфæг цæрæджы нырма дæр не ссардтой

© МЧС РЮОХуссар Иры УУМ
Хуссар Иры УУМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны дарддæр агурынц æбæрæгæй фесæфæг æвзонг нæлгоймаджы, фæлæ æвæрццаг фæстиуджытæ нырма нæй. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæйы.
Ленингоры районы Армазы хъæуы 25-аздзыд цæрæг Чертхъоты Алан рахызт хæдзарæй къуырисæры æмæ нал æрбаздæхт. Йæ агурыныл архайынц сæдæй адæймагмæ æввахс, кæцыты нымæцы сты УУМ æмæ МХМ кусджытæ, районыт администрацийы минæвæрттæ, афтæ ма волонтертæ.
"Агуырд нæ фæуд кæны, фæлæ нырма ницы информаци ис", - загътой уагдоны.
Уый размæ уагдоны хъусын кодтой, куыстытæм кæй æрбаздахтой УУМ ирвæзынгæнæн-агурæн хайады æппæт кусджыты.
Ног хабӕртты лентӕ
0