Хуссар Ирыстоны РБМЦ хъæуынц туджы донортæ

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Ирыстоны РБМЦ хъæуынц туджы донортæ
Хуссар Ирыстоны РБМЦ хъæуынц туджы донортæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik. Республикон бирæпрофилон медицинон центры туг ауадзыны фадыджы хъæуынц донортæ. Уый тыххæй фехъусын кодта стъанцы сæргълæууæг Хъуылымбегты Зæринæ.

"Туджы II+, III— и IV— къорд кæмæн ис, уыдон æрбацæуæд туг ауадзыны фадыгмæ. Уæ бон у æрбацæуад къуырисæрæй майрæмбонмæ 10.00-12.00", - банысан кодта уый.

Туг ауадзыны фадыг кусы республикон бирæпрофилон медицинон центры 2020 азы апрелæй. Уыцы азы райстой ног ифтонгад туджы компоненттæ аразынæн. Фыццаг хатт Хуссар Ирыстоны уыд арæзт туджы компонентты кондад – салд плазмæ æмæ эритроцитарон массæ. 2022 азы декабрмæ æрнывыл кодтой дыууæ хуызы, ома, нативон æмæ салд плазмæ аразын.
Ног хабӕртты лентӕ
0