Цæгат Иры автопарчы автобусты нымæц фæфылдæр уыдзæн

© Photo : Пресс-служба правительства Северной ОсетииАвтобус
Автобус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 мар – Sputnik. Æввахс рæстæджы Цæгат Ирыстоны маршруттæм рацæудзысты 57 ног автобусы. Уый тыххæй къуырисæры аппаратон уынаффæйы æмбырды хицауады фехъусын кодта регионы вице-премьер Æгъузарты Мурат.

"Мæймæ æввахс кусынц ног машинæтæ Дзæуджыхъæу-Алагиры маршрутыл. График æххæст цæуы улæфты 6-7 минутимæ. Мæхæдæг ацыдтæн æмæ федтон куыд кусы маршрут", - æрхаста Æгъуызарты Мураты ныхæстæ 15-æм Регион.

Раздæр республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло фехъусын кодта. Дзæуджыхъæу æмæ Беслæны ᾿хсæн маршрутмæ кæй рахызтысты 25 ног автобусы.
Ног хабӕртты лентӕ
0