Цхинвалы байгом украинæйаг неонацистты фыдракæндты фæдыл фоторавдыст

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы байгом украинæйаг неонацистты фыдракæндты фæдыл фоторавдыст
Цхинвалы байгом украинæйаг неонацистты фыдракæндты фæдыл фоторавдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 мар – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты къуырисæры байгом равдыст, кæцыйы дзырд цæуы украинæйаг неонацистты фыдракæндты тыххæй. Организатортæ уыдысты Уæрæсейы минæварад Хуссар Ирыстоны æмæ Россотрудничествойы минæварад.
Равдыст бабæрæг кодта Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов. Уый банысан кодта, Киевы режимы цы аразы Донецкы, Луганскы æмæ Херсоны – уыдæттæ сты æцæг геноцид.
"Хуссар Ирыстон сæмбæлд ахæм æвирхъау цаутыл бирæ азты размæ, ныр та уый æнкъарынц Украинæйы областтæ, кæцытæ бахызтысты Уæрæсейы скондмæ. Киевы режим Ныгуылæны, сæйраджыдæр, Америкæйы финансон æххуысы руаджы уадзынц операци "сæхи адæмы" скуынæг кæныны фæдыл. Саакашвили дæр йæ рæстæджы дзырдта, Хуссар Ирыстоны кæй цæрынц йæ адæм. Фæлæ уыимæ иумæ, уагъта карз репресситæ, æххæст кодта фыдракæндтæ сабыр цæрджыты ныхмæ", - бахахх кодта минæвар.
© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы байгом украинæйаг неонацистты фыдракæндты фæдыл фоторавдыст
Выставка Свидетельства преступлений украинский неонацистов и их пособников  в ЮОГУ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.03.2023
Цхинвалы байгом украинæйаг неонацистты фыдракæндты фæдыл фоторавдыст
Æрæмбырдуæвджытæм бадзырдта ХИПУ ректор Тедеты Вадим дæр.
"Ацы фоторавдысты алцыдæр нæ равдыстæуыд. Кæд мах банкъарæм ацы трагедийы масштаб, уæд нын æнцондæр уыдзæн цæуын иудзинадмæ. Адæм хъуамæ алцыдæр кæй саразой, цæмæй æрбаиу уой Уæрæсеимæ ацы уæззау рæстæджы", - загъта Тедеты Вадим.
© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы байгом украинæйаг неонацистты фыдракæндты фæдыл фоторавдыст
Выставка Свидетельства преступлений украинский неонацистов и их пособников  в ЮОГУ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.03.2023
Цхинвалы байгом украинæйаг неонацистты фыдракæндты фæдыл фоторавдыст
Уый ма фехъусын кодта, ХИПУ кусджытæ æмæ студентты ‘хсæн кæй ис сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджыты хиуæттæ. Афтæ ма студентты хай ныр ис СÆО-йы зонæйы. Ректор банысан кодта, уыцы студенттæн проблемæтæ кæй нæ уыдзæн ахуырадон процессимæ.
Россотрудничествойы минæварады сæргълæууæг Хуссар Ирыстоны Сергей Скворцов куыд бахахх кодта, афтæмæй равдыст æвдисдзысты æндæр фæзуаттыл дæр. ХИПУ уыд фыццаг бынат, цы ран æй феныны фадат ис алкæмæндæр.
Органзиатортæ скъуыддзаг кæнынц фарст, цæмæй равдисой равдыст Хуссар Ирыстоны районты дæр.
© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы байгом украинæйаг неонацистты фыдракæндты фæдыл фоторавдыст
Выставка Свидетельства преступлений украинский неонацистов и их пособников  в ЮОГУ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.03.2023
Цхинвалы байгом украинæйаг неонацистты фыдракæндты фæдыл фоторавдыст
Ног хабӕртты лентӕ
0