Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

60. КАЛАЧЫ ÆФСÆНВÆНДАДЖЫ ÆРМАЗДТÆ

60. КАЛАЧЫ ÆФСÆНВÆНДАДЖЫ ÆРМАЗДТÆ
Рафыссын
Калачы æфсæнвæндаджы æрмадзтæ.
— Дзинг-дзинг! Дзинг-дзинг!.. — нæры даргъ æнуд куырдадзы къуымты уæззау дзæбуджы зæлланг æмæ сырх-сырхид мæцъис æфсæйнаджы лыстæг цæхæртæ фæйнæрдæм тæхынц дзæбуджы бынæй.
— Æф-лæф! Æф-лæф!.. — нæтынц фæйнæрдыгæй пæлæхсар куын- цытæ.
— Пæлхъ-пæлхъ! Пæлхъ-пæлхъ!.. — æхсидынц куырдадзы рæбын æфсæйнаг донгæнæн пецтæ. Пецтæм лæггуыфтыл хæссынц æмæ хæссынц уазал æфсæйнæгты цъæлтæ. Пецы размæ сæ кæфойты хуызæн пæлæхсар къустыл срæдзагъд кæнынц. Къус куы байдзаг вæййы, уæд кусæг сæхтæджы хуызæн нылхъивы, къус сысты æмæ абыры æхсидгæ пецы хъæлæсы, уым равдæлон вæййы æмæ та фæстæмæ ралæсы.
Пецы æхсидынц æфсæйнæгтæ, фæстагмæ стыр дзæбуджы бынмæ бахауынц, дзæбуг сыл хафт-хафт ралæууы æмæ та сæ фæстæмæ пецы æхсидгæ хъæлæсы афсæры.
Тъизынц, ниуынц, хъæрзынц æфсæйнæгтæ. Тындзынц, змæлынц æрмадзты æнæнымæц кусджытæ.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0