Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

61. ХЪÆССÆЙ

Рафыссын
Бæстæ сызмæст... Тедоты хъæумæ диссаджы хабæрттæ райдыдта хъуысын. Цыма, дам, быдыры хъæуты мæгуыртæ кæмдæрты се ’лдæртты ныхмæ рацыдысты. Хъалон нал фидынц, æлдары бегарамæ нал комынц. Цæгъдынц сын сæ хъæдтæ, æлдæртгæ æмæ стражниктæй сæ ныхмæ чи рацæуы, уый та, дам, маргæ акæнынц.
Æрбайхъуыст ноджы, зæгъгæ, дам, горæтæй цавæрдæр лæг æрбацыд. Йæ ном — Хъæссæй. Чи, дам, æй федта, уыдон ын æрдхæрæны дисæн хæссынц йæ зонд, йæ хъару. Куы, дам, иу хъæуы фæзыны, куы иннæйы, сусæг æмбырдтæ, дам, аразы æмæ адæмы ардауы паддзахы ныхмæ. Иæ фæдыл зилы пъырыстыф йе стражниктимæ, фæлæ, зæгъ, йæ къухты не ’фты. Æрæджы, дам, æй Худисæны хъæуы æмбырд аразгæ æрæййæфта. Адæм бамбæхстой Хъæссæйы. Пъырыстыф домдта, цæмæй йæ радтаиккой. Йæ фæндæй куы ницы рауад, уæд, дам, ехсæй ралæууыд хъæуы хистæр зæронд лæгыл. Раст, дам, уыцы рæстæджы Хъæссæй, цæргæсау, йæхи ныццавта пъырыстыфыл æмæ адæмæй рæстмæ уынгæ дæр ничи акодта, пъы­рыстыф йæ бæхæй куыд расхъиудта. Адæм, уыцы хабар фенгæйæ, сæхи баппæрстой стражниктыл æмæ сын байстой сæ хæцæнгæрзтæ. Тыххæйты ма, дам, сын бантыст аирвæзын.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0