Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

62. СОЛЫМЫ ТЫХСТДЗИНАД

62. СОЛЫМЫ ТЫХСТДЗИНАД
Рафыссын
Гакъон-макъон фæндагыл талынг æхсæв уæтæрæй уæлбæхыл æрцæйцыдис Солым. Æнафоны фæндагыл цæуаг нæу, кæм ыл баталынг вæййы, уым фысым æрцагуры, фæлæ йыл æнæнхъæлæджы фыдбылыз сæмбæлдис абон изæрæй уæтæры æмæ йæ тас раскъæрдта сæхимæ. Йе ’ххуырстытæ, адæймæггыл дæр кæй нæ нымадта, уыдон сбунт кодтой, æмæ æрдомдтой Солымæй, цæмæй сын сæ мызд фæфылдæр кæна, Солым не сразы, бартхъирæн сæм кодта, Сыбы­ры хай уæ бакæндзынæн, зæгъгæ. Уæд Таймуразæн, раздæр Солымы ныхасыл уæлдай чи никуы ницы загъта, фырмæстæй йæ хурхы сæртæ адымстысты æмæ Солымы былтæм йæ тымбыл къух бахас­та:
— Дæ рæстæг æрхæццæ кæны, зыд бирæгъ! Рæхджы Хъæссæйы ардæм хъæуы, æмæ йæ зон, хатыр дын нæ уыдзæн!
Хъæссæйы коймæ Солымы цæсгом мæрдвæлурс аци. Бамбæрста, йе ’ххуырстытæ æнæхъуаджы кæй не сбунт кодтой æмæ сæ ныфс кæмæй ис, уый. Уыцы бунтгæнæджы кой иу æмæ дыууæ хатты не ’рыхъуыста Солым.
Дзырдтой йын — Хъæссæй хъæуты кæй зилы йæхи хуызæттимæ æмæ адæмы кæй ардауы паддзах æмæ исджынты ныхмæ. Зыдта, айразмæ пъырыстыфæн цы ми бакодта, стæй æлдары комы нарæджы йæ хъалонисджытимæ куыд ныццагъта.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0