Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

63. ÆХСÆРТÆДЖЫ ФÆСТАГ САЛАМ

63. ÆХСÆРТÆДЖЫ ФÆСТАГ САЛАМ
Рафыссын
Æмбæрста Æхсæртæг, райсом цы тох уыдзæн, уырдыгæй удæгасæй кæй нæуал раздæхдзæн, уый. Æмæ ма фæстаг хатт афæнд кодта Налхъуытæ, стæй Хæсанæйы чысыл лæппу Бабейы абæрæг кæнын.
Чысыл Бабе кæрты лæдзæгæй "бæх" ацарæзта, цъæхснаг уисæй та ехс, афтæмæй дыууæрдæм йæ "саулохаджы" раскъæр-баскъæр кодта. Æхсæртæг кæрты дуаргæрон æраууон æмæ чысыл лæппумæ йæ хъус дардта. Æнæнхъæлæджы йæ йæ сагъæстæ, уады уылæнтау, сæ разæй айстой, æмæ йæ азты сæрты ахастой йе ’взонджы бонтæм. Уый дæр-иу, чысыл Бабейау, афтæ хъазыд "бæхыл" бадынтæй. Æнæмæт, æнæхин уыди. Дыууæ мады æмæ дыууæ фыды рæвдыд æййæфта. Æниу, зын зæгъæн у, чи йæ фылдæр уарзта — йæхи мад æви Зæринæ, йæхи фыд æви — Хæсанæ. Цалынмæ йæхи æмбарынхъом нæ фæци, уæдмæ мад æмæ фыды номæй Зæринæ æмæ Хæсанæмæ дзырдта. Цалынмæ къахыл цæуынхъом фæци, уæдмæ фылдæр Зæринæйы хъæбысы уыд, стæй уый фæстæ Хæса­нæйы уæхсчытæй дæлæмæ нал хызти.
Куыд амондджын уыдысты, æвæдза, йæ сабийы бонтæ, куыд сæ æрымысы! Æниу, цалынмæ уыцы æвирхъау дам нæ ацыд, уæдмæ чи уыд йæхицæй амонд- джындæр? Хæсанæ, ехх, бецау, куыд бирæ фæбæллыдтæ зæнæгмæ! Уæртæ цы диссаджы лæппу у, уæртæ! Йæ фыды цæрмыстыгъд бакодта. Нæ, цæсгом йæ мад Зæринæйы цæсгомы хуызæн у, æрфгуытæ дæр, цæстытæ дæр, уæнгтæ та — Хæсанæйы. Хъаз, мæ чысыл æфсымæр, хъаз! Нырма царды æвирхъау уæз не ’рынцади дæ чысыл æдых уæхсчыгыл, нæма дæ систа уадтымыгъ йæ их æрмтты, æмæ дын нæма снадта дæ чысыл фæрстæ йæ каконсындз уисæй.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0