Хуссар Иры министрæдтæ æмæ уагдæтты разамонджытæ хыгъдлæвæрд бавдыстой сæ куысты тыххæй

© Sputnik / Мария СанакоеваХуссар Иры министрæдтæ æмæ уагдæтты разамонджытæ хыгъдлæвæрд бавдыстой сæ куысты тыххæй
Хуссар Иры министрæдтæ æмæ уагдæтты разамонджытæ хыгъдлæвæрд бавдыстой сæ куысты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауады рабадтыл, кæцы ацыд æртыццæджы премьер-министр Джуссойты Константины къухдариуæгады бын, министрæдтæ æмæ уагдæтты разамонджытæ, афтæ ма республикæйы цалдæр районы сæргълæууæджы хыгъдлæвæрд радтой 2022 азы куысты тыххæй.
Арæзтад, архитектурæ æмæ ЦКХ министрады куысты тыххæй радзырдта уагдоны сæргълæууæг Зæгъойты Эдуард. Министр банысан кодта, уагдоны сæйраг хæслæвæрд 2022 азы кæй уыд Инвестпрограммæйы реализаци.
"Объективон аххосæгты тыххæй Инвестпрограммæйы объектты фæдыл активон куыст райдыдта 2022 азы майы кæрæтты. Æдæппæт ивгъуыд азы æххæст бæрцæй куыстытæ сæххæст кодтой 13 мадзалы фæдыл. Ацы объекттæ радтой эксплуатацимæ", - загъта Зæгъойты Эдуард.
Культурæйы министр Зæгъойты Рада йæ уагдоны куыстыл дзургæйæ банысан кодта, ивгъуыд аз культурæйы министрад кæй сорганизаци кодта 80-йæ фылдæр мадзалы.
РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2023
Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæгæн снысан кодтой ног хæдивæджы
"Сæ нымæцы алыгъуызон фестивальтæ, равдысттæ, концерттæ, аивадон изæртæ, кафыны мастер-класттæ. Хъæуы банысан кæнын, ахæм мадзæлттæ кæй æрбаздахтой стыр хъусдард Хуссар Ирыстоны цæрджыты ‘рдыгæй. Ныртæккæ культурæйы министрад дарддæр æххæст кæны хæслæвæрдтæ республикæйы национ культурæйы популяризацийы фæдыл", - фехъусын кодта министр.
Куысты фæдыл хыгъдлæвæрд бавдыста æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ социалон райрæзты министр Плиты Агуындæ дæр. Уый бахахх кодта, уагдоны приоритетон хæслæвæрдтæ 2022 азы кæй уыдысты медицинон æххуысы гъæд фæфылдæр кæнын æмæ республикæйы цæрджыты æнæниздзинад фæхуыздæр кæнын.
"Хуссар Ирыстоны цæрджыты нымæц 2022 азы уыд 56 520 адæймаджы. Фарон республикæйы райгуырд 421 сабийы, уый та 52 къаддæр у 2021 азы бæрæггæнæнтæй (473 сабийы). Афтæ ма Хуссар Ирыстоны чысыл фæфылдæр фæмардуæвджыты нымæц – 2022 азы республикæйы амардысты 447 адæймаджы, 2021 азы уыцы бæрæггæнæн уыд 411 адæймаджы", - банысан кодта министр.
Хицауадæн ма сæ куысты фæдыл хыгъдлæвæрд бавдыстой фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фæдыл комитет, лигъдонты социалон хъъахъхъæнынады фæдыл комитет, мыхуыр æмæ информацийы комитет, стандартизаци æмæ метрологийы комитет, афтæ ма республикæйы таможнæйон комитет.
Уымæй дарддæр сæ хыгъдлæвæрдтæ бавдыстой Дзауы æмæ Ленингоры районты администрацитæ. Уыдон радзырдтой бакæнгæ куыстыты тыххæй фæндагон арæзтад, дон æмæ газифтонгады фадгуыты.
Ног хабӕртты лентӕ
0