Хуссарирыстойнаг æфсæддонтæ бакуыстой нырыккон бастдзинады фæрæзтимæ æмархайдыл

© Пресс-служба Минобороны РЮОХуссарирыстойнаг æфсæддонтæ бакуыстой нырыккон бастдзинады фæрæзтимæ æмархайдыл
Хуссарирыстойнаг æфсæддонтæ бакуыстой нырыккон бастдзинады фæрæзтимæ æмархайдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады бастдзинады кусджытæ ахуырты рæстæджы бакуыстой дæлхайадты ᾿хсæн æмархайдыл нырыккон бастдзинады фæрæзтæй пайдагæнгæйæ, хъусын кæны æртыццæджы уагдоны пресс-службæ.
Бастдзинады кусджытæ радтой нормативтæ техникон мадзæлттæ райхалын дæлхайадтæн куыст сифтонг кæнынæн.

"Ахуыры бындурон формæтæ сты практикон ахуыртæ бастдзинады штатон техникæйыл, уыдоны рæстæджы сæйраг хъусдард здæхт цæуы куыстмæ бацæттæ кæныны фарстытæм, техникон фæрæзтæ æрнывыл æмæ эксплуатаци кæныны алыхуызон режимтæм, æдасдзинад æмæ æмбæхст кодтæ хъахъхъæнгæйæ", - радзырдтой РХИ Хъахъхъæнынады министрады.

Министрады зæрдыл бадардтой, бастдзинад у æфсæдтæн фæткдарыны бындурон мадзал, уымæ гæсгæ йæ рæстæгыл арæзт æмæ фидар куыст у хæслæвæрдтæй ахсджиагдæр фарст.
Ног хабӕртты лентӕ
0