Уæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой цыппар украинæйаг диверсион-разысгарæн къорды

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой цыппар украинæйаг диверсион-разысгарæн къорды
Уæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой цыппар украинæйаг диверсион-разысгарæн къорды - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 мар – Sputnik. Уæрæсейаг æфæддонтæ Купянскы здæхтыл скуынæг кодтой цыппар украинæйаг диверсион-разысгарæн къорды æмæ не 'руагътой фæсауæрц æрбакæныны æртæ фæлварæны. Уый тыххæй фехъусын кодта "Ныгуылæн" къорды пресс-центры хистæр Сергей Зыбинский, кæцыйы ныхæстæ радæтта РИА Новости.
"Боны дæргъы Купянскы здæхтыл æфсæдты къорд "Ныгуылæн"-ы хæстонтæ раргом æмæ скуынæг кодтой ныхмæлæууæджы цыппар диверсион-разысгарæн къорды. Афтæ ма не ‘руагътой фæсауæрц æрбакæныны æртæ фæлварæны цæрæн пункттæ Гряниковка æмæ Масютовкайы районы", - загъта Зыбинский.
Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, къорды артиллери скуынæг кодта минометон дæлхайад Масютовкайы районы æмæ хæстæрмæджыты æфтауц Берестовойы районы. Артиллерион хæцæнгарз 2С19 "Мста-С"-йæ иттæг дырыс сармадзан "Краснополь"-æй пайдагæнгæйæ скуынæг кодтой знаджы дыууæ хæцæнгарзы – поляккаг гаубица Krab æмæ артиллерион сармадзан "Акация".
Ног хабӕртты лентӕ
0