Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

64. ХЪАЗАХЪХЪÆГТЫ ÆФХÆРÆН КЪОРД БÆРЗДЖЫН КОМЫ

64. ХЪАЗАХЪХЪÆГТЫ ÆФХÆРÆН КЪОРД БÆРЗДЖЫН КОМЫ
Рафыссын
Комы нарæджы гакъон-макъон дурджын фæндагыл цæугæдоны былтыл арæхыс хъазахъхъæгты æфхæрæг къорд æмæ сæппуадæй сæ ных сарæзтой Бæрзджын коммæ. Къорды хистæр капитан Нетудихата цæуы йæ урс æлвæст араббаг бæхыл æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ йæ уæхсчыты сæрты фæстæмæ рахъæр кæны:
— Быстрее, хлопцы, быстрее!
Ждас нæу фæлтæрд æмæ арæхстджын капитан. Комы куыд арфдæр цæуы, афтæ фæндаг кæны зындæр æмæ нарæгдæр. Ахæм фæндагыл ныхмæлæууæджимæ фембæлын ингæнмæ фæндаг кæй у, уый хаты æмæ архайы тæссаг ранæй тагъддæр аирвæзыныл. Нæ уарзы капитан Нетудихата хæхты дыдæгъты йе знаджимæ фембæ­лын. Ахæм ран бынтон схæццæ-мæццæ вæййынц хæсты æгъдæуттæ æмæ лæг нал фæзоны, знаг чердыгæй фæзындзæн: фæстийæ æви разæй, фæрсырдыгæй æви уæлийæ. Æнæсæттон сты хохæггæ, сычъийæ уæлдай не сты хæхтыл, рæстдзæф, æхсарджын. Бирæ таурæгътæ фехъуыста Нетудихата хохæгты æхсар æмæ лæджыхъæды тыххæй, уæлдайдæр та йæ фыд Иван Петровичæй — Шами­лъ! ныхмæ, стæй Шамилы куы басастой, уый фæстæ дæр дæс азы бæрц Кавказы адæмты ныхмæ тохты бирæ æхсар æмæ лæгдзинад чи равдыста, паддзахы æфсады уыцы номдзыд булкъонæй.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0