Дзæуджыхъæуы æрурæдтой дыууæ æвзонг лæппуйы Хуссар Ирæй хæдтулгæтæй адавыны тыххæй

© Depositphotos.com / BrianAJacksonДзæуджыхъæуы æрурæдтой дыууæ æвзонг лæппуйы Хуссар Ирæй
Дзæуджыхъæуы æрурæдтой дыууæ æвзонг лæппуйы Хуссар Ирæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 мар - Sputnik. Уголовон фæдагуырды кусджытæ æрурæдтой Дзæуджыхъæуы 2002 æмæ 2003 азы гуырд Хуссар Ирыстоны дыууæ цæрæджы, кæцытæм зæрдæ æхсайы хæдтулгæтæй адавынмæ. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй полици сбæлвырд кодта, "фыдгæнджытæ кæй архайдтой æхсæвыгон, æвзæрстой уæрæсейаг хæдтулгæтæ æмæ дзы давтой магнитолæтæ, музыкалон колонкæтæ, фæсауæрцон цæлхытæ æмæ алыхуызон инструменттæ".
© Пресс-служба МВД РФ по РСО-АДзæуджыхъæуы æрурæдтой дыууæ æвзонг лæппуйы Хуссар Ирæй
Изъятые у задержанных краденые предметы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.03.2023
Дзæуджыхъæуы æрурæдтой дыууæ æвзонг лæппуйы Хуссар Ирæй
Фæткхалджытæ басастысты ноджы цалдæр фыдракæнды, кæцытæ сæххæст кодтой Цæгат Ирыстоны столицæ æмæ районты, загътой уагдоны. Адавгæ æрмæджыты иумæйаг суммæ рацыд 60 мин сомы.
Цауы фæдыл бакодтой уголовон хъуыддаг "Адавыны" статьямæ гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0