Хуссар Иры хъæды фонд баххæст кæндзысты хихджын бæлæстæй

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры хъæды фонд баххæст кæндзысты хихджын бæлæстæй
Хуссар Иры хъæды фонд баххæст кæндзысты хихджын бæлæстæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны хъæды хæдзарады дæлхайады кусджытæ ныссадздзысты нæзыбæласы фондз мин талайы республикæйы районты. Уагдоны разамонæг Челæхсаты Таймураз куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй талатæ байуардзысты Ленингор æмæ Знауыры районтыл, афтæ ма нæзыбæлæсты хай ныссадздзысты Цхинвалы цур Къуернеты хъæуы алфæмбылай.
"Ленингоры районмæ арвыстам 2500 талатйы, уыдонæй 2220 ныссагътой Армазы хъæуы районы. Куыстыты архайдтой нæ кусджытæ Лехуры хъæды хæдзарадимæ иумæ. Абон уыдон адарддæр кæндзысты сæ куыст", - банысан кодта Челæхсаты Таймураз.
© Пресс-служба Лесхоза РЮОХуссар Иры хъæды фонд баххæст кæндзысты хихджын бæлæстæй
Высадка саженцев сосны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.03.2023
Хуссар Иры хъæды фонд баххæст кæндзысты хихджын бæлæстæй
Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъæды хæдзарады кусджыты хъыгдары æвзæр боныгъæд.
"Æввахс рæстæджы мах фæнды ныссадзын нæзыбæлæстæ Цхинвалы цур Къуернеты хъæуы алфæмбылай æмæ раттын бæлæсты хай Знауыры районæн", - загъта уагдоны разамонæг.
Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, талатæ æрластой цалдæр боны размæ Ростовы областæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0