Хуссар Иры МХМ кусджытæ цæуынц æхсыны цæттæкæнынад

© МВД Республики Южная ОсетияХуссар Иры МХМ кусджытæ цæуынц æхсыны цæттæкæнынад
Хуссар Иры МХМ кусджытæ цæуынц æхсыны цæттæкæнынад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) кусджытæ уадзынц нывæстон æхстытæ уагдоны полигоныл Калашниковы автоматæй æмæ Ярыгины пистолетæй. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Калашниковы автоматæй æхсынц 100 метры дистанцимæ лæугæйæ, уæрагыл æмæ хуысгæйæ. Ярыгины пистолетæй æхсынц 15, 20 æмæ 25 метры дистанцимæ.
"Фыццаг æхсынмæ рахызтысты криминалон милици æмæ горæты мидхъуыддæгты дæлхайады кусджытæ. Ахуыртæм йæ цæст дардта МХМ службæйон-хæстон цæттæкæнынады дæлхайады хистæр, милицийы дæлбулкъон Хуриты Станислав", - дзырдæуы хъусинаджы.
Ахуырадон æхстытæ уагъд цæуынц уагдоны кусджыты службæйон-хæстон æмæ моралон-психологон цæттæкæнынады нывæстмæ гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0