Уæрæсе, Хуссар Ир æмæ Абхазы минæвæрттæ æрдзырдтой Женеваг дискусситæ сног кæныныл

© Sputnik / Наталья СеливерстоваУæрæсейы ФХМ
Уæрæсейы ФХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 мар – Sputnik. Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæргълæууæджы хæдивæг Михаил Галузин æрдзырдта Абхазы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Ираклий Тужба æмæ Хуссар президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константинимæ Женеваг дискусситæ сног кæныны фарстытыл, хъусын кæны уæрæсейаг æддагполитикон уагдон.
"Лæмбынæгæй æркастыстæм Женеваг форматы куыст сног кæныны фарстмæ уæрæсейаг, абхазаг æмæ хуссарирыстойнаг делегациты хайадистæй. Сфидар кодтам иумæйаг изæрдыгдзинад Женеваг дискусситы сæйраг хæслæвæрд сæххæст кæнынмæ – Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинад бахъахъхъæнын", - радзырдтой Уæрæсейы ФХМ.
Фæскавказы фæдыл женеваг дискусситæ уагъд цæуынц 2008 азæй фæстæмæ. Абоны бон уый у иунæг диалогон формат Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæн. Уымæй дарддæр ма сæ хайад исынц Уæрæсе, АИШ, афтæ ма ИНО, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0