Хуссар Иры делегаци фембæлд Женевайы Сырх Дзуары минæвæрттимæ

© Sputnik / Alexey Vitvitsky /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры делегаци фембæлд Женевайы Сырх Дзуары минæвæрттимæ
Хуссар Иры делегаци фембæлд Женевайы Сырх Дзуары минæвæрттимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегацийы минæвæрттæ фембæлдысты Женеваг æхсæнадæмон дискусситы рæстæджы Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты (ÆСДК) минæвæрттимæ, хъусын кæны республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) пресс-службæ.
Фембæлд ацыд 3 апрелы ÆСДК штаб-фатеры Женевайы. Хайад дзы райстой Сырх Дзуары операцион координатор Европæ æмæ Централон Азийы Анжелик Апперу æмæ Фабиан Бурдье – хъахъхъæнынады дæлхайады сæргълæууæг.
Фембæлды рæстæджы æрдзырдтой Сырх Дзуары архайдыл Хуссар Ирыстоны. Баныхасы темæтæй иу уыд æбæрæгæй фесæфæг гоймæгты агуырд Æртæварсон координацион механизмы фæлгæтты.
"Хуссар Ирыстоны фарс банысан кодта, кæй хъæуы адарддæр кæнын проект сфидар кæнын куыст кæрæдзиæмбарынады Мемарандумы фæдыл РХИ æмæ ÆСДК хсæн, цæмæй æввахс рæстæджы бафыссой дыууæварсон документ", - банысан кодтой уагдоны.
Афтæ ма фембæлды рæстæджы æрдзырдтой ноджы къорд фарстытыл, кæцытæ хауынц Сырх Дзуары Комитеты минæварады архайдмæ Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0