https://sputnik-ossetia.com/20230404/khussar-iry-leningory-rayony-tsaltsg-knynts-ragon-suadon-ikoty-khuy-22318076.html
Хуссар Иры Ленингоры районы цалцæг кæнынц рагон суадон Икъоты хъæуы
Хуссар Иры Ленингоры районы цалцæг кæнынц рагон суадон Икъоты хъæуы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы администрацийы коммуналон службæтæ бавнæлдтой рагон суадон цалцæг кæнынмæ Икъоты... 04.04.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-04-04T13:31+0300
2023-04-04T13:31+0300
2023-04-04T13:31+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ленингоры район
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/04/22307965_0:6:1280:726_1920x0_80_0_0_959134ee99428fe29d236d44855a908f.jpg
ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы администрацийы коммуналон службæтæ бавнæлдтой рагон суадон цалцæг кæнынмæ Икъоты хъæуы. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта районон администрацийы пресс-службæйы хайады хистæр Кокойты Анжела.Йæ ныхæстæм гæсгæ, суадон ифтонг кæны донæй æппæт хъæу – 50-йæ фылдæр хæдзары, фæлæ фæстаг азты дæргъы доны гуырахст зынгæ фæкъаддæр.Уый банысан кодта, куыстыты кæй архайынц бынæттон цæрджытæ дæр, уыдоны сæхи бафæндыд æркæнын уагмæ нуазыны доны иунæг ратæдзæн.Кокойты Анжела бахахх кодта, куыстытæ кæй нывæндынц балхынцъ кæнын къуырийы дæргъы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/04/22307965_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_aac11d83daae7c32b12655f29839962d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ленингоры район
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ленингоры район
Хуссар Иры Ленингоры районы цалцæг кæнынц рагон суадон Икъоты хъæуы
ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы администрацийы коммуналон службæтæ бавнæлдтой рагон суадон цалцæг кæнынмæ Икъоты хъæуы. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта районон администрацийы пресс-службæйы хайады хистæр Кокойты Анжела.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, суадон ифтонг кæны донæй æппæт хъæу – 50-йæ фылдæр хæдзары, фæлæ фæстаг азты дæргъы доны гуырахст зынгæ фæкъаддæр.
"Районы администрацийы сæргълæууæг Гæджиты Иларионы фæдзæхстæй ЦКХ кусджытæ раивдзысты доны хæтæлы зæронд трубæтæ. Суадоны алыварс территори сфæлындзысты æрдзон дуртæй", - загъта Кокойты Анжела.
Уый банысан кодта, куыстыты кæй архайынц бынæттон цæрджытæ дæр, уыдоны сæхи бафæндыд æркæнын уагмæ нуазыны доны иунæг ратæдзæн.
Кокойты Анжела бахахх кодта, куыстытæ кæй нывæндынц балхынцъ кæнын къуырийы дæргъы.