Хуссар Иры президент бахæс кодта саразын уавæртæ БТК-4-йæн филиалтæ бакæныны фæдыл

© Sputnik / Наталья АйриянБТК 4
БТК 4 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан дыццæджы ауагъта рабадт, кæцыйы рæстæджы бахæс кодта саразын уавæртæ БТК-4-йæн филиалтæ бакæныны фæдыл. Уый тыххæй хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Гаглойты Алан æмæ ЗАО "БТК групп" директорты советы сæрдар Боллоты Таймураз ивгъуыд майрæмбоны æрдзырдтой рауагъдад рауæрæх кæныныл Хуссар Ирыстоны территорийыл.
"Сæйраг нысан у саразын уæлæмхасæн рауагъдад Хуссар Ирыстоны территорийыл, сæ нымæцы республикæйы районты дæр. Развæлгъау мах баныхас кодтам саразын кусæгон къорд, кæцыйы сконды уыдзысты дыууæ фарсы минæвæрттæ", - загъта президент.
Гаглойты Алан радта æмбæлон фæдзæхсттæ кусæгон къорды рабадты хайадисджытæн, цæмæй бакусой фарстытыл æмæ бавдисой æнхъарæнтæ æввахс рæстæджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0