Хуссар Ирыстоны парламентарийтæ арæнæвæрд сæвæрдзысты хос "Габапентин"-æй пайда кæныныл

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Ирыстоны парламентарийтæ арæнæвæрд сæвæрдзысты хос "Габапентин"-æй пайда кæныныл
Хуссар Ирыстоны парламентарийтæ арæнæвæрд сæвæрдзысты хос Габапентин-æй пайда кæныныл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хос "Габапентин" æмæ йæ аналогтæй æнæмедицинонæй пайда кæныны цаутæ кæй фæарæхдæр сты, уый тыххæй хъæуы закъонæй фæкъаддæр кæнын ацы препаратæй пайда кæнынад республикæйы, радзырдта закъондæттын, закъонон æгъдау æмæ бынæттон хæдфæткдаруаты парламентон комитеты сæргълæууæг Гаглойты Алан.
Парламенты вице-спикер Плиты Алыксандр рабадты рæстæджы загъта, хосыл тобæ сæвæрын кæй нæ ис гæнæн, уымæн æмæ инсульт кæмæн уыдис, уыцы рынчынтæн æнæмæнгхъæуæг у.
Æнæниздзинад хъахъхъхъæнынады министры хæдивæг Цоциты Алла банысан кодта Хуссар Ирыстоны хыгъды чи лæууы, уыцы хостæ дæттынц рецептмæ гæсгæ афтек №1 – уыдон сты наркотикон, кæнæ психотропон препараттæ.
"Аналогимæ гæсгæ гæнæн ис æмæ дохтыры хосты рафыстмæ гæсгæ препараттæ "Прегабалин" æмæ "Габапентин" радтын сфидар кæнын, фæлæ фарста уый мидæг ис æмæ дзы цас хъæуы балхæнын", - загъта министры хæдивæг.
Йæ ныхæстæм гæсгæ хостæй ифтонггæнджыты ᾿хсæн иумæ дæр нæй "Габапентин" уымæн æмæ Уæрæсейы нымад у фидар хосыл æмæ хъæуы сæрмагонд лицензи, ифтонггæнджытæм та ахæм лицензи нæй.
Закъоны проектыл ныхас адарддæр кæндзысты РХИ парламенты президиумы радон рабадты.
Ног хабӕртты лентӕ
0