Хуссарирыстойнаг нывгæнæг Кæсойты Алан æрбавдисдзæн йæ куыстытæ Дзæуджыхъæуы равдысты

© Sputnik / Наталья АйриянХуссарирыстойнаг нывгæнæг Кæсойты Алан æрбавдисдзæн йæ куыстытæ Дзæуджыхъæуы равдысты
Хуссарирыстойнаг нывгæнæг Кæсойты Алан æрбавдисдзæн йæ куыстытæ Дзæуджыхъæуы равдысты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны курдиатджын нывгæнæг Кæсойты Аланы персоналон равдыст байгом уыдзæн 7 апрелы Цæгат Ирыстоны столицæйы æмæ цæудзæн мæйы дæргъы. Куыд радзырдта Sputnik нывгæнæг афтæмæй экспозицимæ бацæудзысты фылдæр нымæцæй Нарты эпосы тематикæйæ.
"Равдысты уыдзæн 40 графикон куысты, сæ хай у Нартиадæимæ баст, афтæ ма дзы ис националон æмæ философон темæтæ", - загъта Кæсойты Алан.
Равдысты гæнæн уыдзæн нывгæнæджы куыстытæ балхæнын, фæлæ алкæцы уæййаг на уыдзæн.

"Ис ахæм куыстытæ, кæцытæ ницæй тыххæй ауæй кæндзынæн Зæгъæм куыст "Нарты хæзна" - уый у ахæм ныв, кæцы не сфæлхатт кæндзынæ æмæ ахæм æнгæс дæр нал рауайдзæн, ахæм куыст уæййаг нæу. Мæнæн мæ нысан нæ уыди уæй кæнынмæ ныв кæнын æмæ уымæй кусын æхца", - загъта нывгæнæг.

Кæсойты Аланы ныхстæм гæсгæ, равдысты уыдзысты йæ рагон куыстытæ æмæ æрæджы кæдон снывæзта, ахæмтæ дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0