Уф æфсæддонтæ ивгъуыд суткæйы дæргъы скуынæг кодтой 400 сæдæ украинæйаг хæстоны

© Sputnik / Наталья СеливерстоваУæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад.
Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад. - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik. Уæрæсейы æфсæдтæ ивгъуыд суткæйы дæргъы скуынæг кодтой 400 украинæйаг æфсæддоны, хъусын кæны Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад.
Купянскы здæхтыл скуынæг кодтой 30-æй фылдæр украинæйаг æфсæддоны, афтæ ма бронетехникæйы дыууæ иуæджы, хæдтулгæ æмæ гаубица Д-20.
Краснолиманаг здæхтыл иу суткæмæ ныхмæлæууæг фесæфта 225 æфсæддоны, техникæйæ та – æртæ бронехæдтулгæйы, артиллерион хæцæнгарз "Гвоздика", афтæ ма гаубица Д-30.
Донецкы здæхтыл скуынæг кодтой 65 украинæйаг æфсæддоны, бронетехникæйы цыппар иуæджы, дыууæ хæдтулгæйы, афтæ ма гаубица Д-30.
Запорожаг здæхтыл та уæрæсейаг æфсæдтæ скуынæг кодтой 70 украинæйаг æфсæддоны, бронетехникæйы дыууæ иуæджы, афтæ ма иу гаубица Д-20.
Уымæй дарддæр уæлдæфон хъахъхъæнынады тыхтæ æрыппæрстой залпон æхсты реактивон системæ HIMARS-ы æртæ сармадзаны æмæ æртæ украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 405 хӕдтӕхӕджы, 228 вертолеты, 3651 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 415 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 8534 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 1078 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 4501 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 9292 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0