Хуссарирыстойнаг делегаци хайад исы Женеваг дискусситы радон раунды

© FlickrХуссарирыстойнаг делегаци хайад исы Женеваг дискусситы радон раунды
Хуссарирыстойнаг делегаци хайад исы Женеваг дискусситы радон раунды - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 апр - Sputnik. Женевайы 4 апрелы райдыдта Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл дискусситы радон 57-æм раунд, хъусын кæны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) пресс-службæ.
Хуссар Ирыстоны делегаци фыццаг боны куысты фæлгæтты ауагъта фембæлдтæ 10-æм æмæ 2-æм кусæгон къордты æмсæрдартæ æмæ модератортимæ.
"Нæ хъуыдытæ загътам Женеваг процесс адарддæр кæныны фæдыл, афтæ ма æрыздæхын дискусситы раундтæ иудадзыг уадзынмæ, уымæн æмæ уый у регины стабилондзинад æмæ æдасдзинад бавæрыны ахсджиаг фактор", - дзырдæуы хъусинаджы.
Хуссар Ирыстоны делегаци форумы быдыртыл ауагъта цалдæр дыууæварсон фембæлды æндæр фарсыты делегацитимæ, уыдоны рæстæджы равдыстой иузæрдыгдзинад сæ позицимæ фарстыты фæдыл, кæцытыл дзырд цæудзæн 5 апрелы сæйраг куысты боны фæлгæтты.
Ног хабӕртты лентӕ
0