Гаглойты Алан бавдыста столицæйы администрацийы коллективæн ног сæргълæууæджы

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ хицауад
РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бавдыста горæт Цхинвалы администрацийы коллективæн ног сæргълæууæджы.
"Хуыгаты Ромео фæстаг рæстæджы уыд хъæууон хæдзарады министры хæдивæг. Уый уыд цæсгомджын æмæ бæрнон кусæг", - загъта Гаглойты Алан.
Президент банысан кодта, республикæйы къухдариуæгад цæттæ кæй у æххуыс кæнынмæ.
Ног мэр равдыста цæттæдзинад пайдаджын куыстмæ.
"Бузныг уын æууæнчы тыххæй. Æз мæ тыхтæ ратдзæн, цæмæй сæххæст кæнон администрацийы раз лæууæг хæслæвæрдтæ", - бахахх кодта Хуыгаты Ромео.
Раздæры мэр Къацты Гено бузныг загъта президентæн администрацийы сæргълæууæджы бынаты бакусынæн йын фадат кæй радта, уый тыххæй, афтæ ма йæ зæрдæ загъта ног мэрæн æнтыстытæ.
Æртыццæджы паддзахады сæргълæууæг бафыста къорд барамынды кадрон ивындзинæдтиы фæдыл Хуссар Ирыстоны хицауады. Уыдон хаудтой МХМ, Арæзтады министрад, Ахуырады министрд, Финансты министрад, афтæ ма столицæйы администраци æмæ Паддзахадон хъахъхъæнынады службæмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0