Ленингоры районы прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг Чертхъоты Аланы амарыны фæдыл

© ГУ МВД по Самарской областиЛенингоры районы прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг Чертхъоты Аланы амарыны фæдыл
Ленингоры районы прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг Чертхъоты Аланы амарыны фæдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 апр – Sputnik. Ленингоры районы прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг амарыны статьямæ гæсгæ. Уый тыххæй хъусын кæны Генпрокуратурæйы пресс-службæ.
Ленингоры районы Армазы хъæуы цæрæг Чертхъоты Алан рахызт хæдзарæй 13 марты æмæ нал æрбаздæхт. Адæймаг фесæфыны фæдыл хъусинаг æрбацыд районы мидхъуыддæгты хайадмæ Чертхъоты Аланы сыхаг сылгоймагæй.
Оперативон-сгарæн мадзæлтты рæстæджы сбæлвырд кодтой, Чертхъоты Алан 13 марты йæ хæдтулгæйыл кæй раскъæрдта Армазы хъæуæй Ленингор – Цхинвал фæндаджы рдæм. Уыцы бон йын йæ хæдтулгæ ссардтой Армазы хъæумæ баскъæрæны, нæлгоймаг йæхæдæг та фесæфт æмæ абоны бонмæ дæр нырма нæ разынд.
Прокуратурæйы бафтыдтой, зæгъгæ, Чертхъоты Аланы Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы паспорт ссардтой йæ хæдзары.
Цауы фæдыл Ленингоры районы прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг амарыны статьямæ гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0