Цæгат Иры Рахизбылгæрон районы ацыд парламенты советы рабадт

© Photo : ГТРК "Алания"Цæгат Иры Рахизбылгæрон районы ацыд парламенты советы рабадт
Цæгат Иры Рахизбылгæрон районы ацыд парламенты советы рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 апр – Sputnik. Цæгат Ирыстоны парламенты советы æрдзырдтой Беслæны райрæзтыл генералон нывæстмæ гæсгæ. Уый тыххæй хъусын кæны ПТРК "Алани".
Рабадты рæстæджы сæйраг хъусдард здæхт уыд муниципалон районы социалон политикæмæ, афтæ ма æрдзырдтой хъæууон хæдзарады райрæзты уавæр æмæ перспективæтыл.
"Рахизбылгæрон районы сæргълæууæг Фрайты Сослан фехъусын кодта Беслæны социалон-экономикон райрæзты тыххæй. Закондæттæг орган сфидар кодта проект ветеранты фæдыл законы тыххæй. Ныр ветерантæн компенсаци кæндзысты 15 проценты бæрц сæ хæрдзтæн коммуналон лæггæдтæн", - дзырдæуы хъусинаджы.
Афтæ ма гæнæн ис снысан кæной æрвылмæйон фиддон 15 мин сомы бæрц æнæкусгæ æмбæстæгтæн, кæцытæ сæ хъус дарынц инвалид сывæллонмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0