https://sputnik-ossetia.com/20230407/tyng-akhsdzhiag-u-makhn-tsybyrty-aleksey-irany-universitetim-mguystady-tykhkhy-22413347.html
Тынг ахсджиаг у махæн: Цыбырты Алексей Ираны университетимæ æмгуыстады тыххæй
Тынг ахсджиаг у махæн: Цыбырты Алексей Ираны университетимæ æмгуыстады тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 7 апр – Sputnik. Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты æмгуыстадæн егъаудæр ирайнаг гуманитарон æмæ æхсæнадон зонæдты хаххыл... 07.04.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-04-07T12:31+0300
2023-04-07T12:31+0300
2023-04-07T14:07+0300
цӕгат ирыстон
ахуырад
ӕхсӕнад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/10/14970108_0:159:3075:1889_1920x0_80_0_0_4405654e41278c0b66a07f9df3880468.jpg
ЦХИНВАЛ, 7 апр – Sputnik. Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты æмгуыстадæн егъаудæр ирайнаг гуманитарон æмæ æхсæнадон зонæдты хаххыл ахуырадон æмæ зонад-иртасæн центр – Алламе Татабаийы номыл Тегераны университетимæ ис егъау нысаниуæг. Уый тыххæй Sputnik загъта Дзæуджыхъæуы УЗА (Уæрæсейы Зонæдты Академи) зонадон центры директор Цыбырты Алексей.Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртæстыты Цæгат-Ирыстойнаг зонадон институт æмæ Алламе Табатаийы номыл Университеты культурологон иртæстыты Ирайнаг институт бафыстой бадзырд зонадон æмгуыстады фæдыл 2018 азы. Бадзырды фæлгæтты дывæрсон куыст кæндзысты зонад æмæ ахуырадон литературæ, информаци æмæ документты фæдыл, афтæ ма коллективон уацтæ æмæ монографитæ дæр мыхуыр кæндзысты.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/10/14970108_172:0:2903:2048_1920x0_80_0_0_c50cbda27355eff04e81707001f9d577.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ахуырад, ӕхсӕнад
цӕгат ирыстон, ахуырад, ӕхсӕнад
Тынг ахсджиаг у махæн: Цыбырты Алексей Ираны университетимæ æмгуыстады тыххæй
12:31 07.04.2023 (Ранӕуӕггонд: 14:07 07.04.2023) ЦХИНВАЛ, 7 апр – Sputnik. Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты æмгуыстадæн егъаудæр ирайнаг гуманитарон æмæ æхсæнадон зонæдты хаххыл ахуырадон æмæ зонад-иртасæн центр – Алламе Татабаийы номыл Тегераны университетимæ ис егъау нысаниуæг. Уый тыххæй Sputnik загъта Дзæуджыхъæуы УЗА (Уæрæсейы Зонæдты Академи) зонадон центры директор Цыбырты Алексей.
"Махæн ис рагон бастдзинæдтæ Аламе Табатаийы институтимæ. Арæх фæуазæг вæййæм кæрæдзимæ æмæ нæ зонадон иртæстытæй кæрæдзийæн фæхай кæнæм", - радзырдта зонадон центры директор.
Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртæстыты Цæгат-Ирыстойнаг зонадон институт æмæ Алламе Табатаийы номыл Университеты культурологон иртæстыты Ирайнаг институт бафыстой бадзырд зонадон æмгуыстады фæдыл 2018 азы. Бадзырды фæлгæтты дывæрсон куыст кæндзысты зонад æмæ ахуырадон литературæ, информаци æмæ документты фæдыл, афтæ ма коллективон уацтæ æмæ монографитæ дæр мыхуыр кæндзысты.