Бавнæлдтам куыстмæ: Знауыры районы коммуналон службæтæ 2023 азы куысты нывæстытыл

© Sputnik / Natalia Airiyan Знауыры районы коммуналон службæйы кусджтæ 2023 азы куысты нывæстытыл
Знауыры районы коммуналон службæйы кусджтæ 2023 азы куысты нывæстытыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы коммуналон службæйы кусджытæ 2023 азы ранæуæг кæндзысты доны хæтæлтæ, сцалцæг кæндзысты фæндæгтæ æмæ хъæууон клубтæ, æркæсдзысты скъолатæ æмæ сабидæтты хæрзарæзтадмæ. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта Знауыры районы администрацийы архитектурæ, ЦКХ æмæ арæзтады хайады сæргълæууæг Сиукъаты Гайоз.

"Абоны бонмæ махæн ис арæзт куыстыты нывæст, кæцымæ хаст æрцыдысты: донхæтæлон хызы цалцæг, фæндæгты цалцæг, афтæ ма Бехъмары хъæууон клубы хæрзарæзтад. Коммуналон службæтæ ныридæгæн æрæвнæлдтой куыстытæм", - загъта ныхасæмбал.

Сиукъаты Гайоз куыд банысан кодта, афтæмæй капиталонæй цалцæг кæныны ног фæткты тыххæй цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ иу æмгъуыды рæстæджы нæ истой мызд æмæ бахахх кодта, ацы фарстыл куыст ныридæгæн кæй цæуы æмæ æввахс бонты кусджытæ райсдзысты сæ мызд.
Ног хабӕртты лентӕ
0