Дзæуджыхъæуы бакодтой Хосе Рауль Капабланкæйы номыл шахмæтты скъола

© РixabayДзæуджыхъæуы ацыд Хосе Рауль Капабланкæйы номыл шахмæтты скъолайы бакæныны цытджыт церемони
Дзæуджыхъæуы ацыд Хосе Рауль Капабланкæйы номыл шахмæтты скъолайы бакæныны цытджыт церемони - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты ацыд кубинаг гроссмейстер Хосе Рауль Капабланкæйы номыл шахмæтты скъолайы бакæныны цытджыт церемони. Уый тыххæй хъусын кæны Осетия-Ирыстон.
Мадзал ацыд Дзæуджыхъæуы политехникон техникумы, банысангонд æрцыдис, уый дæр æмæ церемонийы фæстæ ацыд турнир Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæуæджы кубокыл. Иууыл чысыл хайадисæгыл цыди авд азы, спортсментæн сæ фылдæрыл – 13 азы.
Ерысты дыууæ бонмæ хайад райстой 400 спортсмены.
Ног хабӕртты лентӕ
0