Хуссар Иры фехъусын кодтой УФ МХМ уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуыны куырдиатты тыххæй

© Photo : Пресс-служба МВД РЮОХуссар Иры фехъусын кодтой УФ МХМ уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуыны куырдиатты тыххæй
Хуссар Иры фехъусын кодтой УФ МХМ уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуыны куырдиатты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад фехъусын кодта абитуриенттæй кæй райдыдтой исын куырдиæттæ Уæрæсейы МХМ ахуыргæнæндонтæм бацæуыны тыххæй. Куыд банысан кодтой МХМ куырдиаттæ гæнæн уыдзæн бадæттын 2023 азы 12 апрелæй 21 апрелмæ.
"Ахуыр кæнынмæ ист цæуын нæлгоймæгтæ, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ, сæ кар 17 азæй 25 азмæ, кæцытæн ис астæуукаг ахуырад, бæззон сты сæ æнæниздзинады уавæрмæ гæсгæ, фенын кодтой æмбæлон профессионалон-психологон цæттæдзинад ахуырмæ æмæ дзуапп дæттынц домæнтæн мидхъуыддæгты органты кусæджы сæрмагонд æмæ хъуыддагон миниуджытæн", - дзырдæуы хъусинаджы.
Равзаргæ кандидаттæн сæ бон суыдзæн ахуыр кæнын УФ МХМ Волгограды академийы, Уæрæсейы МХМ орловаг юридикон институты.
Ног хабӕртты лентӕ
0