Хуссар Иры хæдтулгæ сæмбæлд хиды æмбондыл

© Photo : Пресс-служба МВД РЮОХуссар Ирыстоны хæдтулгæ сæмбæлд хиды æмбондыл
Хуссар Ирыстоны хæдтулгæ сæмбæлд хиды æмбондыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны автофæндаг Цхинвал-Дзæуджыхъæуы фыццаг километрыл хæдтулгæ сæмбæлд хиды æмбондыл. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Авари æрцыд хуыцаубоны æхсæвы. Куыд банысан кодтой уагдонады, хæдтулгæйы шофыр нæ сарæхсти скъæрын. Фæндагон-транспортон цауы фæстиуæгæн æй баластой Цхинвалы республикон рынчындонмæ буары цæфтимæ.
Ныртæккæ уал аварийы уавæртæ бæрæггонд цæуынц.
Ног хабӕртты лентӕ
0