Цхинвалы микрорайонтæй иуы сывæллæттæ ссардтой танчы ныхмæ минæ

© PhotoВ Цхинвале обнаружили мину
В Цхинвале обнаружили мину - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 апр - Sputnik. Горæт Цхинвалы микрорайон Цæгаттаджы ссардæуыд танчы ныхмæ минæ, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны УУМ пресс-службæ.

"РХИ УУМ тыхты фæткдатруаты Центрмæ æрбацыд хъусинаг танчы ныхмæ минæ сарыны тыххæй. Срæмыгъды предмет уыд æнæ рæмудзæнæй, фæлæ кусгæ кодта, ссардтой йæ сывæллæттæ Хæрзаудæн хæдзары районы (микрорайон Цæгаттаг)", - дзырдæуы хъусинаджы.

Бынатмæ рацыдысты УУМ сапертæ. Уыдон рахастой тæссаг гарз, цæмæй йæ скуынæг кæной.
Ног хабӕртты лентӕ
0