Белгороды аэропорты территорийыл æрхаудта æнæпилотон тæхæг аппарат

© Sputnik / Антон Вергун /  Ахизын медиабанкмæАэропорт
Аэропорт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 апр - Sputnik. Æбæрæг æнæпилотон тæхæг аппарат æрхаудта къуырисæры Белгороды аэропорты территорийыл, хъусын кæны РИА Новости экстренон службæты минæвæрттыл æнцойгæнгæйæ.
Развæлгъау информацимæ гæсгæ, зианбаййафджытæ нæй.
"Боны дыккаг хай æрхаудта æнæпилотон тæхæг аппарат, чысыл бахъыгдард эаропорты æмбонд", - загъта агентады ныхасæмбал.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, цауы æууæлтæ бæрæг кæнынц оперативон службæты кусджытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0