https://sputnik-ossetia.com/20230411/dzauy-skolayan-samayydzysty-kharandon-ama-ualamkhas-klasta--22495426.html
Дзауы скъолайӕн самайыдзысты хӕрӕндон ӕмӕ уӕлӕмхас кълӕстӕ
Дзауы скъолайӕн самайыдзысты хӕрӕндон ӕмӕ уӕлӕмхас кълӕстӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны 2023 азы Дзауы астӕуккаг скъолайы фарсмӕ самайдзысты ног агъуыст, уый тыххӕй фехъусын кодта президент... 11.04.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-04-11T14:07+0300
2023-04-11T14:07+0300
2023-04-11T14:07+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
дзауы район
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/0b/22495072_0:0:1280:720_1920x0_80_0_0_382e8493e08ee76ba63b1cb08c077d4a.jpg
ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны 2023 азы Дзауы астӕуккаг скъолайы фарсмӕ самайдзысты ног агъуыст, уый тыххӕй фехъусын кодта президент Гаглойты Алан йӕ балцы рӕстӕджы. Ног бӕстыхаймӕ бахӕсдзысты хӕрӕндон ӕмӕ цыппар къласы, ныридӕгӕн скъолайӕн нӕ фаг кӕнынц ахуыргӕнӕн кълӕстӕ ӕмӕ кружокты хатӕнтӕ. Хӕрӕндон та рӕстӕгмӕ ис къласы мидӕг. Дзауы скъола у егъаудӕртӕй сӕ иу, ныридӕгӕн уым ахуыр кӕны 220 ахуырдзауӕй фылдӕр. "Бузныг уӕ уыдзысты канд скъолайы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ахуырдзаутӕ нӕ, фӕлӕ ӕгас район", - загъта скъолайы директор Санахъоты Алан. Балцы рӕстӕджы президент федта скъолайы хӕрӕндон ӕмӕ спортивон зал, ӕмӕ сын ныфс радта спортивон инвентарӕй сифтонг кӕныны фӕдыл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/0b/22495072_253:0:1213:720_1920x0_80_0_0_edf226c273b0f2f39ed2468470a8fd44.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, дзауы район
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, дзауы район
Дзауы скъолайӕн самайыдзысты хӕрӕндон ӕмӕ уӕлӕмхас кълӕстӕ
ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны 2023 азы Дзауы астӕуккаг скъолайы фарсмӕ самайдзысты ног агъуыст, уый тыххӕй фехъусын кодта президент Гаглойты Алан йӕ балцы рӕстӕджы.
Ног бӕстыхаймӕ бахӕсдзысты хӕрӕндон ӕмӕ цыппар къласы, ныридӕгӕн скъолайӕн нӕ фаг кӕнынц ахуыргӕнӕн кълӕстӕ ӕмӕ кружокты хатӕнтӕ. Хӕрӕндон та рӕстӕгмӕ ис къласы мидӕг.
"Хъӕуты скъолаты ис тынг цъус ахуырдзаутӕ, ам та сын хатӕнтӕ нӕ фаг кӕны. Махӕн нӕ хӕс у саразын ӕппӕт уавӕртӕ дӕр. Районы разамынад сӕхи тыхтӕй ацы аз самайдзысты скъолайы фарсмӕ ног агъуыст", - загъта президент.
Дзауы скъола у егъаудӕртӕй сӕ иу, ныридӕгӕн уым ахуыр кӕны 220 ахуырдзауӕй фылдӕр.
"Бузныг уӕ уыдзысты канд скъолайы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ахуырдзаутӕ нӕ, фӕлӕ ӕгас район", - загъта скъолайы директор Санахъоты Алан.
Балцы рӕстӕджы президент федта скъолайы хӕрӕндон ӕмӕ спортивон зал, ӕмӕ сын ныфс радта спортивон инвентарӕй сифтонг кӕныны фӕдыл.