Къуайса æмæ Къуыдаргомы хъæуты донифтонгад æрурæдтой доны хæтæл цалцæг кæныны тыххæй

© Из личного архива Алана Хугаева Къуайса æмæ Къуыдаргомы хъæуты донифтонгад æрурæдтой донхæтæл цалцæг кæныны тыххæй
Къуайса æмæ Къуыдаргомы хъæуты донифтонгад æрурæдтой донхæтæл цалцæг кæныны тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Къуыдаргомы цæрæг пунктты 11-12 апрелы донифтонгадыл сæвæрдзысты арæнæвæрд Везур-Къуаисайы доны хæтæлы сæйраг арæзты сыгъдæг кæныны куыстытæ кæй цæудзысты, уый тыххæй фехъусын кодта горæт Къуайсайы мэр Хуыгаты Алан.
"Дыууæ боны, дыццæг æмæ æртыццæджы, донифтонгад æрлæудзæн райсомы 9.00-æй изæры 7.00 сахатмæ Къуайса æмæ йæ арæнгæрон хъæуты. Куыстытæ уагъд цæуынц Къуайсайы донифтонгадимæ проблемæтæ аиуварс кæныны тыххæй", - банысан кодта горæты мэр.
Хуыгаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, ахæм куыстытæ доны хæтæлыл уадзынц фыццаг хатт. Куыстытæ æххæст цæуынц бюджетон субсидиты руаджы, кæцытæ нысангонд сты Хуссар Ирыстоны донифтонгад фæхуыздæр кæныны тыххæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0