Президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта Хуссар Иры Дзауы районы аразгæ объекттæ

Рафыссын
Хицауадон делегаци президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй дыццæджы бабæрæг кодта республикæйы Дзауы район æмæ басгæрста цалдæр объекты, уыдоны нымæцы Мзиугомы хъæуы сывæллæтты лагеры корпус æмæ "Бæгъиаты" ратæдзæн.
Балцы рæстæджы паддзахады сæргълæууæг радта къорд барамынды, сæ нымæцы бацæттæ кæнын проектон-сметон документаци "Цæгаттаг" микрорайоны хид рауæрæх кæныны фæдыл, Дзауы скъолайæн уæлæмхасæн агъуыст саразын æмæ "Бæгъиаты" ратæдзæны территорийы хæрзарæзтад.
Лæмбынæгдæр президенты балцы тыххæй – нæ видеоæрмæджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0