Алагиры азы кæронмæ среставраци кæндзысты Культурæйы хæдзар

© ВКонтакте / Кинотеатр "Комсомолец"Алагиры азы кæронмæ среставраци кæндзысты Культурæйы хæдзар
Алагиры азы кæронмæ среставраци кæндзысты Культурæйы хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik. Алагиры азы кæронмæ среставраци кæндзысты культурæйы хæдзар "Комсомолец". Уый тыххæй радзырдтой дыццæджы Цæгат Ирыстоны хицауады рабадты.
Банысангонд æрцыдис, объект кæй ратдзысты республикæйы паддзахады къухмæ.
Премьер-министр Дзанайты Борис барамынд радта уагдонадæн, цæмæй куысты гъæд æмæ аразыны рæстæгмæ йæ хъус дара. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы объект ис социалон-экономикон райрæзты хыгъды.
Уый бафтыдта азы кæроны Алагиры цæрджытæн кæй уыдзæн æмбæлон культурæйы хæдзар.
Ног хабӕртты лентӕ
0