Ӕнӕ фӕстиатӕй: Мзиугомы арӕзт цӕуы Хуссар Иры сывӕллӕтты лагерь

© Sputnik / Наталья АйриянСывӕллӕтты лагерь
Сывӕллӕтты лагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы сывӕллӕтты лагеры арӕзтад цӕуы ӕнӕ фӕстиатӕй. Объект эксплуатацимӕ радтын нысангонд у азы кӕронмӕ. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта арӕзтадон компани ООО "Бадо"-йы кусӕг Куымӕридтаты Азӕмӕт, кӕцы амайы бӕстыхӕйттӕ.

"Графикмӕ гӕсгӕ кусӕм. Фондз цӕрӕн хӕдзары цӕуы мидӕггагон куыстытӕ, административон бӕстыхӕйтты та архайынц сантехникӕйыл. Ӕппӕт объектыл дӕр конд ис рудзгуытӕ", - загъта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕппӕт коммуникацитӕ уагъд сты бӕстыхӕйттӕм.
"Тагъд бавналдзыстӕм йӕ алыварс территорийы хӕрзарӕзтадмӕ. Азы кӕронмӕ объект ӕххӕстӕй сцӕттӕ уыдзӕн", - бафтыдта уый.
Ранымайгӕ объекттӕй дарддӕр ма дзы уыдзӕн кӕрты улӕфӕн зонӕтӕ.

"Алы корпусы кӕрты дӕр уыдзӕн фӕйнӕ дыууӕ мӕнгагъуыст, баскетболон ӕмӕ ӕндӕр спортивон фӕзуӕттӕ", - бахахх кодта уый.

Территорийыл ныссадздзысты бирӕнымӕц къутӕртӕ ӕмӕ бӕласы талатӕ. Дыццӕджы арӕзтад бабӕрӕг кодта президент Гаглойты Алан, арӕзтады министрад ӕмӕ фӕндӕгты арӕзтады комитеты минӕвӕрттимӕ.
Балцы семӕ уыд центр "Точка опоры"-йы бындурӕвӕрӕг ӕмӕ къухдариуӕггӕнӕг Хъӕцмӕзты Лео.
"Нӕ хӕс у къуындӕг авналӕнтимӕ адӕмы домӕнтӕ сӕххӕст кӕнын ацы объекты, цӕмӕй сын мацы цӕлхдуртӕ уа ам змӕлгӕйӕ. Ӕз абон ам дӕн, цӕмӕй уавӕртӕн саргъ кӕнон ӕмӕ сын, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕппӕт дӕр арӕзт цӕуы", - загъта уый Sputnik.
Ног хабӕртты лентӕ
0