Хуссар Иры ӕрбацӕуӕн сфӕлындзысты Хӕдбардзинады банымады юбилеймӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Ручъы тоннель
Ручъы тоннель - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бахӕс кодта фӕндагон арӕзтады комитет ӕмӕ арӕзтады министрадӕн республикӕйы хӕдбардзинад банымайыны юбилеймӕ ӕмбӕлон уагмӕ ӕркӕнын Ручъы хъӕуы районы зӕйы ныхмӕ галерей ӕмӕ Транскамы фӕндаджы аразинаг хай.
Уыцы хӕслӕвӕрд паддзахады разамонӕг радта йӕ балцы рӕстӕджы Дзауы районмӕ. Делегаци бӕрӕг кодтой минералон донгуырӕн Бӕгъиатӕ, фӕндагон инфраструктурӕ, ахуырадон объекттӕ.

"Августы нысан кӕндзыстӕм республикӕйы хӕдбардзинад банымайыны юбилей. Фыццаг уазӕг фены республикӕмӕ бацӕуӕн ӕмӕ йӕ хъӕуы ӕмбӕлон уагмӕ ӕркӕнын. Срӕсугъд кӕнын хъӕуы галерей, фӕндаджы хӕлд фадыг саразын", - загъта президент.

Фӕндӕгты арӕзтады комитеты минӕвӕр Гӕбӕраты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ма сӕ фӕнды ӕрбахизӕн рӕсугъд сфӕлындын.
"Фӕнды ма нӕ Ручъы тоннелы цур цы галерей ис, ууыл бакӕнын рӕсугъд фыст, науӕд табло. Цы хуызӕн хъуамӕ уа, уый скъуыддзаг нӕу, гӕнӕн ис ӕмӕ конкурс дӕр расидӕм", - загъта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0