Цхинвайлаг боксер рамбылдта балцӕг Уӕрӕсейы фыццагадмӕ

CC0 / / Цхинвайлаг боксер рамбылдта балцӕг Уӕрӕсейы фыццагадмӕ
Цхинвайлаг боксер рамбылдта балцӕг Уӕрӕсейы фыццагадмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны боксы скъолайы минӕвар Джиоты Марат райста балцӕг Уӕрӕсейы фыццагадмӕ, уый равдыста иттӕг хорз тохтӕ ӕппӕтуӕрӕсеон ӕмтохӕдты фестиваль "Юность России"-йы. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта йӕ тренер Тедеты Александр.
Ерыстӕ цыдысты Краснодары крайы, Хуссар Ирыстон бавдыстгонд уыд фондз боксерӕй, иу дзы ссис финалист, дыууӕйӕ та бронзӕйон призертӕ.
"Джиоты Марат 63 кг уӕзы ссис ерысты финалист. Турниры уый рамбылдта дыууӕ тохы, ӕртыккаг фембӕлд та ацыд ӕмсӕр тохы, фӕлӕ тӕрхонгӕнджытӕ уӕлахиз схӕлар кодтой йӕ ныхмӕлӕууӕгӕн. Фӕлӕ йӕ хорз цӕттӕдзинад хынцгӕйӕ уый ӕвыст цӕуы Уӕрӕсейы фыццагадмӕ", - загъта Тедеты Александр.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бронзӕйон хорзӕхты хицау баисты Гуыцмӕзты Тамерлан ӕмӕ Бабаты Станислав. Аннӕ дыууӕ спортсмен призерты нымӕцмӕ нӕ бацыдысты.
Ранымайгӕ фӕсивӕды цӕттӕ кӕнынц тренертӕ Тедеты Александр, Дзигойты Ацӕмӕз ӕмӕ Куымӕридтаты Родион.
Ног хабӕртты лентӕ
0