https://sputnik-ossetia.com/20230413/tskhinvaly-skolatay-iuy-rasidtysty-konkurs-ualakhizdzauta-raysdzysty-premita--22570054.html
Цхинвалы скъолатӕй иуы расидтысты конкурс. Уӕлахиздзаутӕ райсдзысты премитӕ
Цхинвалы скъолатӕй иуы расидтысты конкурс. Уӕлахиздзаутӕ райсдзысты премитӕ
ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Горӕты дыккӕгӕм скъолайы дирекци ӕмӕ ныййарджыты комитет ахуырадон уагдоны расидтысты конкурс, кӕцыйы фӕлгӕтты бӕрӕг... 13.04.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-04-13T15:06+0300
2023-04-13T15:06+0300
2023-04-13T15:06+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ахуырад
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/09/1d/11208867_0:137:3161:1915_1920x0_80_0_0_af514689c29b09b97db73bb6df68e3d6.jpg
ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Горӕты дыккӕгӕм скъолайы дирекци ӕмӕ ныййарджыты комитет ахуырадон уагдоны расидтысты конкурс, кӕцыйы фӕлгӕтты бӕрӕг ӕрцӕудзысты хуыздӕр ахуырдзаутӕ ӕртӕ предметӕй ӕмӕ хуыздӕр кълас. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта ныййарджыты комитеты разамонӕг Бететы Юрий. Ранымайгӕ предметтӕй хуыздӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ цы ахуырдзаутӕ равдисой, уыдон райсдзысты ӕхцайы премитӕ. "Ис нын сусӕг спонсор. Уымӕй цыппӕрӕм кълӕсты ахуырдзаутӕ райсдзысты фӕйнӕ фондз мин сомы, астӕуккаг кълӕсты ахуырдзаутӕ дӕстӕ ӕмӕ хистӕркъласонтӕ та фӕйнӕ 20 мин сомы", - бафтыдта уый. Конкурсы фӕлгӕтты ахуырдзаутӕй домдӕуы, цӕмӕй ахуыр кӕной хорз, активон хайад исой олимпиадӕты ӕмӕ тематикон конкурсты. Ӕдӕппӕтӕй сбӕрӕг кӕндзысты фараст уӕлахиздзауы, фӕйнӕ ӕртӕ алкӕцы категорийы дӕр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/09/1d/11208867_175:0:2906:2048_1920x0_80_0_0_43f6332f975638bcbc658954740c7dec.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ахуырад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ахуырад
Цхинвалы скъолатӕй иуы расидтысты конкурс. Уӕлахиздзаутӕ райсдзысты премитӕ
ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Горӕты дыккӕгӕм скъолайы дирекци ӕмӕ ныййарджыты комитет ахуырадон уагдоны расидтысты конкурс, кӕцыйы фӕлгӕтты бӕрӕг ӕрцӕудзысты хуыздӕр ахуырдзаутӕ ӕртӕ предметӕй ӕмӕ хуыздӕр кълас. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта ныййарджыты комитеты разамонӕг Бететы Юрий.
"Фӕзынд нӕм ахуырдзауты разӕнгард кӕныны хъуыды. Дирекциbмӕ нӕ иумӕйаг фӕндмӕ гӕсгӕ конкурс цӕудзӕн номинацитӕ "лучший ученик школы", "лучший класс", ӕмӕ профилон гранттӕ лӕвӕрд цӕудзысты математикӕ, ирон ӕвзаг ӕмӕ историйӕ",- загъта Бететы Юрий.
Ранымайгӕ предметтӕй хуыздӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ цы ахуырдзаутӕ равдисой, уыдон райсдзысты ӕхцайы премитӕ.
"Ис нын сусӕг спонсор. Уымӕй цыппӕрӕм кълӕсты ахуырдзаутӕ райсдзысты фӕйнӕ фондз мин сомы, астӕуккаг кълӕсты ахуырдзаутӕ дӕстӕ ӕмӕ хистӕркъласонтӕ та фӕйнӕ 20 мин сомы", - бафтыдта уый.
Конкурсы фӕлгӕтты ахуырдзаутӕй домдӕуы, цӕмӕй ахуыр кӕной хорз, активон хайад исой олимпиадӕты ӕмӕ тематикон конкурсты. Ӕдӕппӕтӕй сбӕрӕг кӕндзысты фараст уӕлахиздзауы, фӕйнӕ ӕртӕ алкӕцы категорийы дӕр.