00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Утро на Спутнике
Какие программы подготовил к весенним каникулам Дворец детского творчества
09:05
6 Мин
Утро на Спутнике
Праздник весны: в Цхинвале пройдет концерт Залины Сапиевой
09:10
18 Мин
Утро на Спутнике
Во Владикавказе прошли съёмки эпизода фильма "Как говорил мой дед"
09:35
17 Мин
Утро на Спутнике
Поликлиника обеспечена всеми вакцинами: Ханикаева
09:52
10 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Арӕзтадон ӕрмӕджыты завод фӕнд кӕны Уисты мраморӕй сцайдагъ кӕнын рауагъдад

© Photo : Пресс-служба президента РЮОАрӕзтадон ӕрмӕджыты завод
Арӕзтадон ӕрмӕджыты завод  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иунӕг арӕзтадон ӕрмӕджыты завод фӕнд кӕны сцайдагъ кӕнын Уисты мраморӕй рауагъдад, фехъусын кодта заводы директор Гӕбӕраты Ацӕмӕз.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, дӕргъвӕтин фӕстиады фӕстӕ завод сцайдагъ кодта йӕ куыст. Ныридӕгӕн уагъд цӕуы цалдӕр хуызы блок ӕмӕ тротуарон плиткӕ, бетон цӕджындзтӕ, люктӕ ӕмӕ ӕндӕр арӕзтадон ӕрмӕг.
"Стыр нывӕст нӕм ис, цӕмӕй рауӕрӕх кӕнӕм нӕ куыст ӕмӕ заводы продукцимӕ бафтауӕм ног хуызтӕ. Сӕ нымӕцы хъавӕм Знауыры районы Уисты хъӕуы мраморы гуырӕны хомӕгӕй сцайдагъ кӕнын рауагъдад. Советон дуджы нӕргӕ заводы хомӕджы гуырӕны иу хай баззад Хуссар Ирыстоны зӕххыл. Мах хъуыды кӕнӕм тротуарон плиткӕ аразын", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы куыст срӕвдз кӕнынӕн сӕ бахъӕудзӕн ног ифтонгад дӕр.
"Нырма ницы сарӕзтам ацы хаххыл, ӕрмӕст бынат бабӕрӕг кодтон мӕхӕдӕг. Ацы рауагъд цӕмӕй скуса, уымӕн хъӕуы роторон дурлыстӕггӕнӕн, уый самал кӕныны ныфс нын радта президент Гаглойты Алан", - бафтыдта Гӕбӕраты Ацӕмӕз.
Директор ма бафиппайдта, заводы бындурыл уагъд цӕудзӕн ӕндӕр арӕзтадон ӕрмӕг, кӕцыйы хьуагдзинад уа республикӕйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0