Арӕзтадон ӕрмӕджыты заводӕн йӕ бон у сифтонг кӕна Инвестпрограммӕйы объекттӕ - директор

© Пресс-служба правительства РЮО Арӕзтадон ӕрмӕджыты завод
Арӕзтадон ӕрмӕджыты завод - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Арӕзтадон ӕрмӕджыты заводӕн йӕ бон у ифтонг кӕнын арӕзтӕдон ӕрмӕгӕй Инвестицион нывӕcты объекттӕ, фехъусын кодта Sputnik заводы директор Гӕбӕраты Ацӕмӕз.
"Заводы раугъдадон тыхтӕ фадат дӕттынц ӕппӕт Инвестицион нывӕcты объектты арӕзтадӕн ӕрмӕг сифтонг кӕнын", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы президент Гаглойты Алан бахӕс кодта арӕзтадон министрадӕн, цӕмӕй ӕрмӕг ӕлхӕд цӕуа бынӕттон заводӕй.
"Ацы фарстмӕ президент йӕхӕдӕг аздӕхта хъусдард, уый бахӕсджын кодта арӕзтады министрадӕн, цӕмӕй ӕппӕт паддзахадон заказ мах ифтонг кӕнӕм арӕзтадон ӕрмӕгӕй", - бахахх кодта уый.
Уымӕй дарддӕр ма заводы разамынад архайы хынцын цӕрджыты ӕмӕ уагдӕтты цы ӕрмӕг хъӕуы, уый дӕр.
"Мах архайӕм уадзын ахӕм продукци, кӕцы агурынынц горӕт ӕмӕ ӕппӕт республикӕйы цӕрджытӕ. Стӕй ма ӕргътӕ дӕр сты къаддӕр ӕрласӕггӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ хомӕг фылдӕр у бынӕттон", - балхынцъ кодта Гӕбӕраты Ацӕмӕз.
Ног хабӕртты лентӕ
0