Хуссар Иры скъоладзаутæ улæфдзысты 15-æй 17-æм апрелмæ

© Sputnik / Natalia AiriyanСкъоладзаутæ
Скъоладзаутæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны скъолаты расидтысты улæфт бонтæ 15-æй 17-æм апрелмæ, фехъусын кодта Цхинвалы администрацийы ахуырады дæлхайады хистæр Биазырты Татьяна.
"Хуссар Ирыстоны скъолаты ацы къуыри бакодтой ноджы иу улæфт бон – сабат, 15 апрель. Скъоладзаутæ рахиздзысты ахуырмæ дыццæджы, 18 апрелы", - загъта уый.
Знон президент Гаглойты Алан бафыста барамынд 17 апрель (къуырисæр) æнæкусæгон бонæй расидыны фæдыл. Барамынд бафыстой Куадзæны бæрæгбоны тыххæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0