Хуссар Иры УУМ скодтой хатдзæгтæ 2023 азы фыццаг кварталы куыстæн

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Ирыстоны УУМ скодтой хатдзæгтæ 2023 азы фыццаг кварталæн
Хуссар Ирыстоны УУМ скодтой хатдзæгтæ 2023 азы фыццаг кварталæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) кусджытæ азы фыццаг кварталы сæдас æмæ скуынæг кодтой 44 рæмудзæн æрмæджы, афтæ ма 10 килограммæй фылдæр срæмыгъдон буарады. Уый тыххæй радзырдтой министрады къухдариуæгадон æмбырдыл, хъусын кæны УУМ пресс-службæ.
Куыд банысан кодтой уагдоны дæлхайæдты сæргълæуджытæ, афтæмæй оперативонæй кусыны æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн æххуыс кæныны фæлгæтты иу кварталы дæргъы арæзт æрцыд 252 рацыды, уыдонимæ иумæ зынгсивæрзтытæм – фондз, ФТЦ-тæм – 11, ссыгъдтытæ – 57, техникон æххуыс – 131, срæмыгъдæй тæссаг кæмæй у, ахæм æрмæджытæй ссыгъдæг кæнын – 10.
Æмбырды кæрон Хуссар Ирыстоны УУМ сæргълæууæг Гассеты Ибрагим куыстæн æмбæлон аргъ скæнгæйæ, бузныджы ныхæстæ загъта коллективæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0