Цхинвалы цалдæр уынджы æрыхгæндзысты Куадзæны бæрæгбоны рæстæджы

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы цалдæр уынджы æрыхгæндзысты Куадзæны бæрæгбоны рæстæджы
Цхинвалы цалдæр уынджы æрыхгæндзысты Куадзæны бæрæгбоны рæстæджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 апр – Sputnik. Цхинвалы рæстæгмæ æруромдзысты автотранспорты змæлд Куадзæны бæрæгбоны тыххæй. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ 15 апрелы 20.00 сахатæй фæстæмæ æрыхгæндзысты Сæрибары фæзуат, уынгтæ: Ирæтты, Сомихæгты æмæ Донбылгæрон, афтæ ма Джиоты Аланы проспектыл Уæрæсейы рæстдинон аргъуаны сыгъдæг Ӕртæиуоны кувæндоны территори", - дзырдæуы хъусинаджы.
Афтæ ма МХМ кусджытæ рахиздзысты службæйы фæтыхджындæргонд режиммæ. Милицийы къордтæ службæ хæсдзысты Фырсыгъдæг Мады Майрæмы æмæ Ӕртæиуоны кувæндæтты раз. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ лæудзысты фæндзæм астæуккаг скъола æмæ Згъудеры уæлмæрдмæ бахизæны раз.
Уымæй дарддæр Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды инженерон-саперон дæлхайады кусджытæ басгардзысты массон мадзæлттæ уадзыны бынæтты æмæ сæ алыварс территоритæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0