Уæрæсейы минæварады Цхинвалы схорзæхджын кодтой уæрæсейаг æмбæстæгты

© Sputnik / Natalia AiriyanУæрæсейы минæварады Цхинвалы схорзæхджын кодтой уæрæсейаг æмбæстæгты
Уæрæсейы минæварады Цхинвалы схорзæхджын кодтой уæрæсейаг æмбæстæгты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ 14 апр – Sputnik, Тъехты Дзерасса. Уæрæсейы минæварады Хуссар Ирыстоны схорзæхджын кодтой скъола №2 директор Ольга Михайлиди æмæ æхсæнад "Россы" сæрдары хæдивæг Надежда Рассохинайы. Уæрæсейаг хицауадон къамисы уынаффæйæ Михайлиди æмæ Рассохинайы рахицæн кодтой сæрмагод хайбавæрды тыххæй уæрæсейаг истори бахъахъхъæнын æмæ æрыгон фæлтæр хъомыл кæныны хъуыддагмæ.
Цытджын грамотæтæ радта Уæрæсейы минæвар республикæйы Марат Кулахметов.

"Æз уæ зонын бирæ азты дæргъы. Сымах алыхатт дæр уæ зæрдæ дæттут уæ куыстæн. Мах уын аргъ кæнæм куыд уæ хъуыддаджы профессионалтæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, къамис æмбæлон аргъ скодта уæ куыстæн", - загъта уый грамотæтæ дæтгæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0