https://sputnik-ossetia.com/20230415/kotsoyty-arsen-radzyrdt-tsuanont-22424386.html
КОЦОЙТЫ АРСЕН. РАДЗЫРДТÆ. ЦУАНОНТÆ
КОЦОЙТЫ АРСЕН. РАДЗЫРДТÆ. ЦУАНОНТÆ
Тедо æмæ Симон цæрынц фæрсæй-фæрстæм. Симон йæхицæн бадæн скодта йæ хæдзары дуармæ фæйнæджы гæбазæй. Тедо та сарæзта йæ хæдзары дуармæ бадæн дуртæй. 15.04.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-04-15T13:40+0300
2023-04-15T13:40+0300
2023-04-15T13:40+0300
коцойты арсен.уацмыстæ
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/07/22423767_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_2edee2e4a4d17024e66648e46554a446.png
КОЦОЙТЫ АРСЕН. РАДЗЫРДТÆ. ЦУАНОНТÆ
КОЦОЙТЫ АРСЕН. РАДЗЫРДТÆ. ЦУАНОНТÆ
Тедо æмæ Симон цæрынц фæрсæй-фæрстæм. Симон йæхицæн бадæн скодта йæ хæдзары дуармæ фæйнæджы гæбазæй. Тедо та сарæзта йæ хæдзары дуармæ бадæн дуртæй.Райсомæй изæрмæ, кæд иууыл æвзæр бон нæ вæййы, уæд дыууæ зæронды бадынц иумæ — куы Симоны дуармæ, куы та Тедойы дуармæ.Кæд Симон рацæуы уынгмæ раздæр, уæд æм сындæггай йæхи баласы Тедо æмæ йæ фарсмæ йæхи истæй æнцой æруадзы. Кæд та Тедо рацæуы йæ бынатмæ раздæр, уæд æм сындæггай йæхи баласы Симон æмæ уый дæр иу дуры æнцой бакъул кæны.Симоныл цæуы æстай азы, Тедойыл та — нæуæдз фондз, фæлæ сæ ничи зоны йæ азтæ бæлвырдæй — иу фылдæр зæгъы, иннæ та къаддæр.Симон цæуы иу лæдзæджы æнцой, Тедо та æнæ дыууæ лæдзæджы цæуын нæ фæразы.Дыууæ зæронды дæр тынг уарзынц сæ лæппуйы бонтæ мысын, — алчи дæр сæ йæхицæй æппæлы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/07/22423767_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_546273f89776b84dc3b6a213d7894337.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
Тедо æмæ Симон цæрынц фæрсæй-фæрстæм. Симон йæхицæн бадæн скодта йæ хæдзары дуармæ фæйнæджы гæбазæй. Тедо та сарæзта йæ хæдзары дуармæ бадæн дуртæй.
Райсомæй изæрмæ, кæд иууыл æвзæр бон нæ вæййы, уæд дыууæ зæронды бадынц иумæ — куы Симоны дуармæ, куы та Тедойы дуармæ.
Кæд Симон рацæуы уынгмæ раздæр, уæд æм сындæггай йæхи баласы Тедо æмæ йæ фарсмæ йæхи истæй æнцой æруадзы. Кæд та Тедо рацæуы йæ бынатмæ раздæр, уæд æм сындæггай йæхи баласы Симон æмæ уый дæр иу дуры æнцой бакъул кæны.
Симоныл цæуы æстай азы, Тедойыл та — нæуæдз фондз, фæлæ сæ ничи зоны йæ азтæ бæлвырдæй — иу фылдæр зæгъы, иннæ та къаддæр.
Симон цæуы иу лæдзæджы æнцой, Тедо та æнæ дыууæ лæдзæджы цæуын нæ фæразы.
Дыууæ зæронды дæр тынг уарзынц сæ лæппуйы бонтæ мысын, — алчи дæр сæ йæхицæй æппæлы.